Абон Дзæуджыхъæумæ æрбаластой Дзуары цæрæццаг хъæд æмæ Какон сындзæй конд сæрдзæджы хай.Чырыстийы хъизæмæрттæн æвдисæн чи уыд, уыцы дзаумæттæ Цæгат Ирыстоны сыгъдæг Ильяйы аргъуаны уыдзысты 10-æм апрелмæ æмæ сæм кувдзысты адæм. Хуыцауæй курдзысты сабырдзинад, цæмæй сын æххуыс кæна зын сахаты, бахиза сæ фыдбылызтæ æмæ низтæй.
Источник: ГТРК Алания