Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы алчер
Йæ Рухсдзинад Зосимæйы
Цыппурсы арфæйы фыстæг
Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы епархийы
аргъуанты лæггадгæнджытæ,
моладзантæ æмæ æгас Ирыстоны хуыцаумæкувæг адæммæ
Афон куы ’рцыд, уæд Хуыцау рарвыста Йæ Фырты…
цæмæй нæ Йæхицæн хъæбултæ зæгъа… Уымæ гæсгæ ды ныр цагъар
нал дæ, фæлæ Хуыцауы хъæбул æмæ, кæд Хуыцауы хъæбул дæ,
уæд Чырыстийы фæрцы дæ Йæ бындар дæр.
(Гал. 4:4-5, 7)
Зынаргъ сауджынтæ æмæ диакъонтæ, æфсымæртæ æмæ хотæ!
Зæрдæбын арфæ уын кæнын Цыппурсы стыр бæрæгбон æмæ Ног азы фæдыл!
Хуыцауы Фырты зæххон рантыст у нæ фервæзыны историйы сæйраг цау. Райдайæн дæр æмæ кæрон дæр кæмæн нæй, уыцы уæларвон Уац Йæхæдæг, Логос, зæгъгæ, Рухс Æртионы дыккаг Цæсгом, райста адæймаджы хуыз æмæ æрдзыгъæд. Хуыцау адæймаг кæй ссис уый у чырыстон дунембарынады бындур: Йесо Чырысти кæй у æцæг Хуыцау æмæ æцæг Адæймаг.
Апостол Павел Галатæгтæм фыстæджы æргом кæны, Йесо Чырысти дунемæ цæмæн æрцыд, уыцы фарстæн дзуапп чи дæтты, ахæм æцæгдзинад. Уый æрцыдис, цæмæй адæмы Хуыцауы хъæбултæ скæна æмæ суой сæ Уæларвон Фыды сæрибар фырттæ æмæ чызджытæ, цагъартау нæ, фæлæ Сыгъдæг Уды фарнæй дзурой Дунескæнæгмæ фыды номæй (Гал. 4:6).
Ноггуырд Саби Хуыцау кæй у, уый адæм исдуг нæ базыдтой. Фæлæ зæдтæ зыдтой æмæ æвдисæн уыдысты, фысымуаты бынат кæмæн нæ разындис, уыцы Ноггуырд Сабийы Хуыцау æххæстæй кæй раргом кодта, рагзаманты адæм æмризæджы кæмæй рызтысты, Уыцы уæларвон Фарн æмæ Хъомыс. Кæд æмæ Рагон Фæдзæхсты заман Хуыцау Йæхи æргом кодта, тæрсын æмæ æмризæджы ризын Кæмæй æмбæлы, Уый хуызы, уæд ныр, Ног Фæдзæхсты дуджы та, Йæхи æргом кæны, куыд Уарзт æмæ Фарны Хуыцау (2 Кор. 13:11). Нæ Хицау Йесо Чырысти махæн бацамыдта Хуыцаумæ Фыды номæй сидын æмæ Йæм, куыд нæ уæларвон Фыдмæ, афтæ æдæрсгæйæ кувын.
Чырыстийы Рантыст æрмæст чырыстон историйы райдайæн нæу — уымæй райдыдта адæймаджы царды ног дуг. Йæ Фырты зæххон рантысты Хуыцау раргом ис куыд уарзæгой Уæларвон Фыд æмæ адæммæ æрсидти æцæг æууæнк, рæстаг цард æмæ æфсымæры уарзтмæ.
Фæлæ цы ‘гъдауæй ис адæймагæн Хуыцауы хъæбул суæвæн? Апостол Павел амоны, уый кæй у, Сыгъдæг Удæн нæ зæрдæйы цы бынат ис, уымæй аразгæ, уымæн æмæ, Сыгъдæг Уды коммæ чи кæсы, уыдон иууылдæр Хуыцауы хъæбултæ сты (Ром. 8:14). Уыцы стыр хорзæх райсын адæймагæй домы цæттæдзинад æмæ удуæлдай фæллой. Уымæн æмæ, Йесо Чырыстийыл æууæндыны руаджы, сымах иууылдæр стут Хуыцауы хъæбултæ; Чырыстиимæ баиуы охыл аргъуыд райсджытæ, сымах иууылдæр баиу стут Чырыстиимæ (Гал. 3:26-27).
Цыппурсы бæрæгбон æмæ Дунедарæджы хæрзаудæны Ног азы къӕсӕрыл ивгъуыд азы тыххæй æмбæлы хатдзæгтæ скæнын. 2013 азы байгом Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы алчеры кафедрæ. Ныридæгæн йæ царды æрцыди бирæ ахадгæ цаутæ. Епархийы хъæппæрисæй 2013 азы майы, Славянаг фыссынад æмæ культурæйы бон, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд II наукон-практикон конференци, ноябры та — сыгъдæг Георгийы кадæн II бакæстытæ. Дыууæйы дæр архайдтой дины кусджытæ, ахуыргæндтæ æмæ сфæлдыстадон интеллигæнцийы минæвæрттæ Уæрæсейы Хуссары алы рæттæй, лыстæг æрдзырдтой Аргъуан æмæ æхсæнады размæ ныртæккæ цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдоныл.
Арфæйаг цаутæй хъæздыг уыд нæ епархийы куывдаргъуыды цард дæр. Алчеры сæргълæудæй Хуыцауæн табуйагхæларгонд æрцыд, бирæ азты дæргъы рохуаты чи лæууыд æмæ гæныстон чи фæци, Хъæдгæроны уыцы рухс кувæндон — сыгъдæг архангел Михаилы аргъуан. Алчеры сæргълæудæй аргъуыдтæ уагъд ацыдысты, амæй размæ кæм никуыма уыдысты, нæ республикæйы уыцы сахартæ æмæ хъæуты — Дигорайы, Мусхъæу æмæ Николаевскæйы, Тарскæйы.
Мах архайæм нæ республикæйы аргъуанты нымæц фылдæр кæныныл дæр. Йæ тæккæ тæмæны бацыд сыгъдæг Иуане Æфсæддоны (Дзæуджыхъæу), сыгъдæг Ныкколайы (Николаевскæй), сыгъдæг Георгийы (Винограднæй) аргъуанты арæзтад. Нæ административон уагæвæрд йæ бынаты сæвæрынæн стыр ахъаз у Епархийы разамынды агъуысты сырæзт.
Фылдæр кæны дины кусджыты нымæц дæр. Ивгъуыд аз алчеры къухæвæрдæй диакъонтæ æмæ сауджынтæ систы цалдæр адæймаджы æмæ зæрдиагæй сæ куысты сæр æрлæууыдысты. Æнæрæнцайгæйæ размæ цæуы дины чингуытæ ирон æвзагмæ тæлмац кæныны хъуыддаг.
Табу Ноггуырд Хуыцауæн, мах Уымæй райгонд стæм нæ моладзандæтты тыххæй дæр — сæдæгай æмæ мингай адæймæгтæ уым ссарынц удæнцой æмæ æххуыс.
Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, нæ бастдзинад фидар кæй у Ирыстоны хуссаримæ — æнæ хъусдард нæ уадзæм не ’мдин æфсымæртæ æмæ хоты. Хуыцауæн табу, 2013 азы Хуссар Иры уазæг уыдысты Туринаг Кæттаджы хæрз халдих æмæ Хуыцауныййарæджы миротадзæг «Авдфатон» дзуарныв.
Зæрдылдаргæ цаутæй хъæздыг чи уыд, уыцы ивгъуыд азæн разыйæ фæндараст дзургæйæ, мах ныфсджынæй кæсæм сомбонмæ æмæ нæ зæрдæ дарæм, Дзæуджыхъæуы епархи та ног азы дæр, Хуыцауы фæндæй, æнæкъуылымпыйæ кæй атындздзæн аргъуаны алывæрсыг æмæ вазыгджын цард ноджы хуыздæр уагыл сæвæрыны фæндагыл.
Ног азы райдайæны мах кæддæриддæр кæрæдзи сбуц кæнæм арфæйы ныхæстæй æмæ нæ фæфæнды, цæмæй нын ног аз ног хæрзтæ æмæ амонд æрхæсса, ивгъуыд азæй хуыздæр æмæ бæркадджындæр разына. Уыцы арфæтæ æнæмæнг сæххæст уыдзысты, Чырыстийыл æнувыд куы уæм æмæ Йын Йæ ирвæзæн тыхæй фидар ныфс куы ‘вæрæм, уæд. Уымæн æмæ мах фервæзын кæныны тыххæй, ома мах амондæн, райгуырди Вифлеемы Ирвæзынгæнæг — Чырысти.
Цыппурсы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, кадджын сауджынтæ æмæ диакъонтæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Чырыстийы рантысæн бон уын мæ зæрдæ зæгъы удварны цин! Хуыцауæй арфæгонд ут, бӕрӕгбон уын æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ фарн æрхæссæд!
+ СӔРНЫЛЛӔГ ЗОСИМӔ,
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ АЛЧЕР
Цыппурс
Дзæуджыхъæуы сахар
2013/2014 аз












