Понедельник, 06 Январь 2014 13:58

Мӕскуы ӕмӕ ӕгас Уӕрӕсейы Патриарх Йӕ Рухсдзинад Кириллы Цыппурсы арфӕйы Фыстӕг

Мӕскуы ӕмӕ ӕгас Уӕрӕсейы Патриарх Йӕ Рухсдзинад Кириллы Цыппурсы арфӕйы фыстӕг алчертæм, сауджынтæм, диакъонтæм, моладзантæм æмæ Уырыссаг Растуырнæг Аргъуаны  æппæт иузæрдион хъæбултæм


Мӕскуы ӕмӕ ӕгас Уӕрӕсейы Патриарх
Йӕ Рухсдзинад Кириллы
Цыппурсы арфӕйы фыстӕг
алчертæм, сауджынтæм, диакъонтæм,
моладзантæм æмæ Уырыссаг Растуырнæг
Аргъуаны  æппæт иузæрдион хъæбултæм

 

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон рухсгонд алчертӕ, фӕрныг сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, хуыцаууарзаг моладзантӕ, зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Абон нӕ аргъуанты къух бакæнæн нæй, Хуыцауы ноггуырд Фырт ӕмӕ Йӕ Иууылсыгъдӕг Ныййарæг Мадӕн батабу кӕнынмӕ ӕрбацӕуӕг кувæг адӕмӕй.

Чырыстийы Рантыст у адӕмты историйы сæйрагдæр цау. Адӕймаг кӕддӕриддӕр тырныдта Хуыцауы ссарынмæ, фӕлӕ йын Хуыцау Йӕхи æххæстæй ӕрмӕст иунæг хатт раргом кодта — буарыгуырдæй Йӕ Иунӕг Фырты зӕхмӕ куы ’рæрвыста, уӕд. Хуыцауы Фырты— адӕймаджы Фырты — ’рцыдимæ дуне базыдта, Хуыцау канд Уӕларвон Тых нӕ, фӕлӕ Уарзондзинад, канд ахъаззаг Æфхæрæг нӕ, фӕлӕ Хæрзаудæг, канд карз Тӕрхонгӕнӕг нӕ, фӕлӕ цард ӕмӕ циндзинады Суадон кæй у, уый. Дунейы хæрзиунӕг Хицау уæвгæйæ Хуыцау у, Йӕ цардæгъдауы бындур уарзондзинад Кӕмӕн у, уыцы Рухс Æртион дæр.

Мах абон бæрæг кӕнӕм, дунейы истори цӕхгӕр чи фӕивта, уыцы цау. Хуыцау, цыма Уый дæр адæймаг у, афтæ æрцардис не ’хсæн, сæккой нын кодта нӕ тӕригъӕдтæ, не ’нæбон ӕмӕ лӕмӕгъдзинӕдтæ ӕмӕ сæ Голгофӕмӕ схаста, цæмæй нæ фервæзын кæна нæ уæззау уаргъӕй.

Нырӕй фӕстӕмӕ Хуыцау, махæн фæндаг кæдæм нæй, кӕмдӕр уыцы уӕлӕрвты бæрзæнды нæ, фӕлӕ ам, махимӕ, не ’хсӕн ис. Хуыцауон Литургийы рӕстӕджы сауджын кæддæриддæр фæзӕгъы: «Чырысти — не ’хсӕн!» Æмӕ йын дзуапп вӕййы: «Ис ӕмӕ уыдзӕн!» Уый у, Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти, Буарыӕрцӕуӕг Хуыцау Йæхæдæг, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны ӕхсӕн кӕй ис, уымӕн ирд ӕвдисӕн. Нæ Хуыцауы Сыгъдӕг Буар ӕмӕ Тугӕй аходгæйæ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл зæрдиагæй архайгӕйӕ, махӕн бантысдзæн

Йемæ ӕцӕг ахастытӕ саразын ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдæг уæвын.

Чырыстийыл сӕхи фӕдзӕхсӕг ӕнувыд ахуыргӕнинӕгтӕ ныридæгæн ам, сӕ зӕххон царды, хъуамӕ суой, Чырыстийы фӕрцы чи раргом, уыцы Хуыцауон Паддзахады ӕвдисӕнтӕ.

Махыл ӕвӕрд ис егъау ӕмӕ кадджын хӕс — ацы дунейы алцыппæтæй дæр нӕ Хуыцау ӕмӕ Ахуыргӕнӕджы фæзмын æмæ, Уый куыд кодта, алцы дæр афтӕ кӕнын, Чырыстийы тыхы фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ фыддзинады ныхмӕ æнæфæцудгæйæ лӕууын, хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынæй нæ фæллайын, адæймаджы тæригъæдджын æрдзыхъæд раивыныл удуæлдай куыст кæнын æмæ, уыцы тæригъæдджын æрдзыхъæд сомбон йæхи фӕрнӕйдзагæй кæй равдисдзæн, ууыл фидарæй æууæндын.

Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти ӕрфидар кодта, Хуыцаумӕ нын нӕ ахаст чи æвдисы, ахæм бæлвырд барæн – адæммæ цы зæрдæ дарæм, уый. Искæй низ, рис ӕмӕ маст нæ зæрдæмæ исгæйæ, ӕнамонд ӕмӕ æнæбон адӕмӕн тӕригъӕдгӕнгӕйӕ, мах ӕххӕст кӕнӕм Чырыстийы фӕдзӕхст (Гал. 6:2) ӕмӕ, нӕ тæригъæдтæ нын Йӕхимӕ Чи райста ӕмӕ нын нӕ низтӕ Чи сæккой кодта (Ис. 53:4), Уыцы Ирвæзынгæнæг Чырыстийыл ӕнувыддзинад ӕвдисӕм.

Нӕ алыварс чи ис, уыдон хъуамæ уæлдай тынгдæр нæ зæрдыл лæууой, ӕгас дуне Хуыцауон Ноггуырды кӕвдӕсы раз дисгӕнгӕ куы ’рзоныгуыл кӕны, уыцы рухсхӕссӕг цины бон, уымæн æмæ нын абон Хуыцау нӕ аргъуанты цы стыр фарн дæтты, уымæй хъуамæ хайджын суой, Чырыстийыл нырма йæхи чи нæма бафæдзæхста, нырма ацы дунейы монцты ахæсты чи ис, уыцы адæймæгтæ дæр (Кол. 2:8). Мах сӕ размӕ куы нӕ рацӕуӕм, уӕд гæнæн ис ӕмӕ сӕм уыцы Хорз Уац ма байхъуыса; нӕ циндзинадӕй фӕхайджын уой, зæгъгæ, сын нæ зæрдæтæ куы нæ байтындзæм, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ йӕ чи нӕма ӕнкъары, фӕлӕ йӕ банкъарынмæ цӕттӕ чи у, уыдонмæ макуы фæхæццæ уа.

Хуыцауы Фырты буарон рантыстӕй адӕймаджы удысконд систӕуыд æвæджиауы бӕрзӕндтӕм. «Фæлгонц æмæ æнгæсæй» Хуыцауы хуызæн кæй стæм, уымæй уæлдай ма нӕ алчи дæр Чырыстийы фӕрцы у Хуыцауы хъӕбул дӕр: «æцæгæлон æмæ æрцæуæггаг нæ, фæлæ сыгъдæджыты æмбæстаг æмæ Хуыцауы хиуæттæ стæм ныр мах» (Еф. 2:19). Хуыцауимӕ хиондзинадыл дзурӕг у Йесо Чырыстийы куывд дӕр: Дунесфӕлдисӕджы мах хонæм нӕ Уӕларвон Фыд.

Алы адӕймаджы цард дӕр, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕлдисонд у, уымӕн ӕмӕ йæ балхæдæуыд Хуыцауы Фырты Буарырайгуырд, Цард, Мӕлӕт ӕмӕ Растадæй. Уыцы æууæл мах разӕнгард кӕны алы адӕймагӕй дӕр аргъуыц кӕнынмæ. Мæскуыйы алчер Филарет (Дроздовы) хъуыдымӕ гӕсгӕ, «уарзондзинад у ӕндӕр адӕймаджы фӕрныгад сӕндидзыны охыл зæрдиаг æмæ хъаруджын архайд». Ахӕм уарзондзинад равдисынмӕ фæнды мæн æрсидын сымахмæ Цыппурсы цинӕйдзаг бонты. Цӕмӕй, апостол Павелы загъдау, кӕрӕдзимӕ ӕфсымӕрон уарзон зæрдæ дарат, иу уæ иннӕйы йӕхицӕй тынгдæр нымайа, уе ’нæзæрдæхудт фæллойы фæллад ма зонат, уӕ удты цæхæр ма нымæг кæна, Хуыцауӕн лæггад кæнат (Ром. 12:10-11; Дзут. 13:16).

Зӕрдæбын арфӕ уын кӕнын Цыппурсы стыр бӕрӕгбоны фæдыл! Уарзондзинад ӕмӕ сабырдзинады Хуыцауы (2 Кор. 13:11) хорзæхæй хайджын уæнт Ног азы нӕ адӕм иумӕйагӕй ӕмӕ сӕрмагондӕй алы адӕймаг дӕр, сабырдзинад, фарн ӕмӕ уын амонд саккаг кӕнӕд.


+КИРИЛЛ, МӔСКУЫ ӔМӔ ӔГАС УӔРӔСЕЙЫ ПАТРИАРХ

ЦЫППУРС

2013/2014 аз

Мæскуы

Последние публикации